Новости

Зæрдиаг арфæ кæнын

Зæрдиаг арфæ кæнын Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы Боны фæдыл нæ хъæуы æмæ районы цæрæг Гæрзифтонг тыхты ветерантæ æмæ æфсæддонтæн, стæй районы æппæт адæмæн! Нæ Райгуырæн бæстæйы бартæ хъахъхъæнгæйæ, абон хæстон рад чи хæссы, уыдонæй сæрыстыр стæм. Хи бæстæ хъахъхъæнын рагæйдæр нæ алкæй табуйаг хæсыл нымад кæй у, уымæ гæсгæ ацы ныхæстæн абон дæр ис стыр ахадындзинад.

Мæ зæрдæ уын зæгъы амонд æмæ фæрныгад, нæ зынаргъ ветерантæн — æнæниздзинад æмæ бирæ азты дæргъы цард, салдæттæ æмæ афицертæн та — æнтыстджын службæ! Хъæбатыр æмæ æхсарджын адæмы ацы арфæйаг бæрæгбон кæддæриддæр уæд сабырдзинад æмæ циндзинады æвдисæн!


УАНИТЫ Хъазыбег, Ставд-Дурты хъæуы сæргълæууæг.