23-æм февраль
23-æм февраль Уæрæсейы кадджын бонты къæлиндары ахсы сæрмагонд бынат. Уымæ гæсгæ мæ фæнды зæрдиаг арфæтæ ракæнын, Гæрзифтонг тыхты чи службæ кодта æмæ кæны стæй Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы зын, фæлæ кадджын дæсныйад чи равзæрста, уыдонæн се 'ппæтæн дæр! Нæ хъæуы бирæнацион адæм Гæрзифтонг тыхты æппæт ветерантæй æмæ ныры æфсæддон службæгæнджытæй бузныг сты.
Райгуырæн бæстæйæн удуæлдай лæггад кæнгæйæ, нæ царды стырдæр хæзнатæ — сабырдзинад æмæ фидар уавæр — хъахъхъæнынæй кадджындæр куыст нæй. Цæрыны, нæ цоты æнтыстдзинæдтыл цин кæныны æмæ нæ цоты цоты хъомыл кæныны фадат нын чи радта, ивгъуыд заманæн кад кæнгæйæ, ацы бон уыдоны æхсызгонæй мысæм. Мæ зæрдæ уын зæгъы уе 'ппæтæн дæр æнтыстдзинæдтæ æмæ амонд, нæ Ирыстонæн та — фæрныгад æмæ рæзт!
ДЫГУРЫ Зелим, Хъахъхъæдуры хъæуы сæргълæууæг.