Мæ зынаргъ хъæубæстæ!
Зæрдиаг арфæ уын кæнын Ног азы æмæ Цыппурсы бæрæгбæтты фæдыл! Хъæлдзæгæй, амондджынæй сыл сæмбæлут уе 'ппæт дæр! Æрхæссæнт уын æнæниздзинад, сабыр цард! Иунæг Кадджын Хуыцау уæ йæ хорздзинæдтæй барæвдауæд, фыдбылызæй та уæ бахъахъхъæнæд! Уæ сæрмæ стъалытæ дæр ма уæ амондæй куыд æрттивой! Бирæ азты мын фæцæрут зæрдæрайгæйæ, кæрæдзийы уарзгæйæ æмæ æмбаргæйæ! Уæ алкæйы фæрныг хæдзары дæр йæ бæркад бынæй исгæ, уæлейæ ахадгæ куыд уа! Нæ хъæуы фылдæрæй-фылдæр кæнæнт чындзæхсæвтæ, чызгæрвыстытæ æмæ ноггуырдты фæдыл куывдтæ! Ног азы хорзæх уæ уæд!
АВЛОХТЫ Валери,Комсомольскы хъæуы сæргълæууæг.