Новости

Мæ зынаргъ хъæубæстæ!

Ног аз ног фарнхæссæг у, æмæ уæ алкæйы хæдзары къæсæрыл дæр фарнимæ бакъахдзæф кæнæд! Зæронд аз уын уæ сагъæстæ, уæ низтæ, уæ фыдбылызтæ, уæ мæстытæ йемæ ахæссæд! Уæ рæсугъд фæндтæ уæ къухты бафтæнт! Амондджын, арфæйаг мын ут, мæ уарзон хъахъхъæдуйрæгтæ! Царды хорздзинæдтæй хайджын куыд уат, уый уын не Сфæлдисæджы цæст бауарзæд! Уæ алы бæрæгбон дæр уыл зæрдæрухсæй, хъæлдзæгæй цæуæд! Уæ кæстæрты амондæй æфсæст ут! Сабырдзинад, бæркад – уæ алкæйы хæдзары дæр! Уæ сомбон уæ абонæй ноджы бæллиццагдæр уæд!


ДЫГУРЫ Зелим,Хъахъхъæдуры хъæуы сæргълæууæг.