Новости

С наступающим Новым годом!

Нæ районы æмæ хъæуы зынаргъ цæрджытæ! Тагъд та ралæудзæн Ног аз, ног 365 боны та дзаг уыдзысты ирд æнкъарæнтæ æмæ ног фембæлдтытæй, куыстытæ æмæ лыггæнинаг фарстатæй — ома цард цæмæй арæзт у, уыцы хабæрттæй. Ног азы бæрæгбон алкæддæр æрбангом кæны бинонты, Ногбоны фынгыл æрбамбырд вæййынц хиуæттæ æмæ къабæзтæ. Уæдæ Ног азыл сæмбæлæм сыгъдæг хъуыдытимæ, рæстаг нысантæ æмæ рухс фæндтимæ! Цæй æмæ нæ кæрæдзийæн арфæ ракæнæм Ног азы бæрæгбоны фæдыл, бузныг зæгъæм, кæрæдзи кæй æмбарæм æмæ кæрæдзийæн фидар цæджындз кæй стæм, уый тыххæй. Фæрныгад æмæ нывылдзинад уæд æппæт Ирыстоны дæр! Ног азы хорзæх уæ уæд! Амонд æмæ фарнæй хайджын ут!


УАНИТЫ Хъазыбег, Ставд-Дурты хъæуы сæргълæууæг.