С наступающим Новым годом!
Районы æппæт цæрджытæн æмæ не 'мхъæуккæгтæн зæрдиаг арфæ кæнын Ног азы бæрæгбоны фæдыл! Хæрз гыццыл рæстæджы фæстæ 2019 аз баззайдзæн нæ иумæйаг историйы. Ног азы бæрæгбон у алæмæтау диссаджы рæстæг, уымæн æмæ йемæ адæймаг бæтты цин æмæ амонды æнкъарæнтæ, рухс æмæ ныфс алы хæдзармæ дæр. Азтæй ныл цасфæнды куы рацæуа, уæддæр нæ Ног аз ахæссы нæ сывæллоны бонтæм, æмæ та адæймаг ногæй баууæнды, диссæгтæн бынат кæй ис царды, ууыл. Уадз æмæ æрцæуæг ног аз йемæ æрхæсса ноджы фылдæр бæркад, фæрныгад, хуыздæрæрдæм ивддзинæдтæ алкæй хæ- дзармæ дæр! Æнæниз æмæ амондджын ут уе 'ппæт дæр!
ПЛИТЫ Вадим,
Ираны хъæуы сæргълæууæг.