Сæ куыстæй — разы
Уыдис Ираны цæрджыты иумæйаг æмбырд. Бынæттон администраци 2019 азы цы бакуыста, уый тыххæй раныхас кодта хъæуы сæргълæууæг Плиты Вадим. Куыд бацамыдта, афтæмæй сæ сæйрагдæр хæс у адæмæн лæггад кæнын, цæрынæн æмæ сын алывæрсыг архайдæн хъæугæ мадзæлттæ саразын, цы æнæлыггонд фарстытæ сæм ис, уыдоныл иумæ-йагæй æрдзурын æмæ сæ нывыл саразын.— Нæ хъæуы ис скъола, сывæллæтты рæвдауæндон, фельдшерон-акушерон пункт, посты хайад, райфæлхасады дукани, чиныгдон, — загъта Плийы-фырт. — Уыдис нæм бæргæ культурæйы Хæдзар, фæлæ, хъыгагæн, ныр цалдæр азы у хæлд, хихъæппæрисадон къордтæ куы кæм архайынц, куы кæм. Уæдæ нæ сывæллæтты рæвдауæндон дæр фаг нæу æппæт сабитæн. Районы разамынд нын зæрдæ бавæрдта йæ бæстыхайыл бафтауын, æмæ уæд уавæр зынгæ фæхуыздæр уыдзæн, хъомылгæнджытæн сæ авналæнтæ фæуæрæхдæр уыдзысты.Районы газеты фæрстыл амæй размæ цалдæр хатты мыхуыргонд æрцыдысты æрмæджытæ скъолайы коллективы арфæйаг куысты тыххæй.
Ацы ахуыргæнæндон хæссы се 'мхъæуккаг, мидслужбæйы инæлар-майор Хъантемыраты Георгийы ном. Йæ хъус æм дары Цæгат Ирыстоны мидхъуыддæгты министрад комкоммæ Уæрæсейы мидхъуыддæгты Кировы районы хайады коллектив. Пъæлицæйæгтæ арæх бæрæг кæнынц скъола, скъоладзаутæ æмæ ахуыргæнджытимæ саразынц иумæйаг мадзæлттæ. Уый та, кæй зæгъын æй хъæуы, стыр ахъаз у патриотон хъомыладæн.Бынæттон администраци æдзух йæ цæст дары хъæууынгты æмæ æхсæнадон бынæтты сыгъдæгдзинадмæ. Арæзт æрцæуынц зиутæ санитарон уавæр фæхуыздæр кæныны тыххæй. Уый фæрцы ныссыгъдæг кодтой бырондон, ныссагътой бæлæстæ, уæлмæрдмæ бауагътой дон.Æмбырды сæ хъуыдытæ загътой хъæуы цæрджытæ Джыбылаты Тарзан, Мæргъиты Оля, Баймæтаты Барис, Козаты Солтан, Фидараты Хасанбег. Сеппæт дæр хорз аргъ скодтой бынæттон администраци æмæ йæ сæргълæууæджы куыстæн. Бацамыдтой, цы хъæндзинæдтæ ма ис хъæуы, уыдон аиуварс кæныны мадзæлттæ. Зæгъæм, хи хæдзарæдты цы стурвос ис, уыдонæн нæй хъомгæс. Цæуылнæ? Ацы фарстæн ис иунæг дзуапп: ирайнæгтæй иуæй-иутæ нæ фидынц хъомгæсæн, иннæтæ та фæззæг хортæ æфснайд фесты, æмæ ныр нæ фос сæхæдæг æвæгæсæй дæр хиздзысты, зæгъгæ, сæ стурты хъоммæ нал фæтæрынц. Уæдæ сæ фосхизæнты уавæр дæр сæ хæрзтæй нæу — фермæйы фаджыс уым калынц æнæвгъау, хъæуккæгты уынаффæ ницæмæ даргæйæ.Хъæуæмбырды архайдта æмæ раныхас кодта Кировы районы Администрацийы Сæргълæууæг Батиаты Хъазыбег. Уый хъæуккæгтæн зæрдæ бавæрдта, хæстæгдæр дыууæ азы сæм кæй фæзындзысты культурæйы Хæдзар æмæ спортивон комплекс.Æмæ ма иу фиппаинаг. Æмбырд цыдис администрацийы чысыл уаты, æмæ уый дæр нæ байдзаг. Нæ дзы сæмбæлдысты минæвæртты Æмбырды депутаттæ, скъолайы ахуыргæнджытæ. Цæуылнæ, уый та хъæуы разамынд сбæлвырд кæнæд.
Къубалты Солтан.