Куыст цæуы цадæггай
Ирон адæмæн рагæй нырмæ сæ идеологийы бындур æнцадис Æгъдау, Æфсарм, Фарн æмæ Хæдбардзинадыл. Сæ царды æмæ куысты уыдысты рæстад æмæ æмбар. Хъыгагæн, абон уыцы цæ-джындзтæ фæцудыдтой.Афтæ райдыдта йæ ныхас радон æмбырды «Иры Стыр Ныхас»-ы Кировы районы хайады уынаффæдоны президиумы сæрдар Къубалты Солтан. Æмæ ма бафтыдта: «Æхсæнадон змæлды координацион уынаффæдоны сæрдар Кучиты Русланы фæсидты фæсивæдмæ загъд ис: «Ацы æмтъеры æмæ цæстмæхъус дуджы нæ ирон æгъдау сабыргай куыд цуды, афтæ ивы адæмы зондахаст дæр, сæ цæстæнгас æфсарм æмæ уæздандзинадмæ».
Раст ныхæстæ сты, фæлæ цы бакæнын хъæуы, цæмæй ма фæуæм «фыдвæндаг»? Ацы фарстæн ис иу дзуапп: не 'ргом раздахæм нæ фыдæлты æгъдаумæ. Уый тыххæй та хъæуы бирæвæрсыг хъомыладон куыст æмбæлгæ æмвæзадмæ сисын. Районы æмæ хъæуы Ныхасты æмбырдты иу æмæ дыууæ хатты нæ дзырдæуыд ирон æгъдауы скъолатæ саразыны фæдыл. «Иры Стыр Ныхас»-ы разамынд, ахуыргæндтæ æмæ ирон æвзаджы ахуыргæнджытимæ сарæзтой сæрмагонд тематикæ, кæцы ахъаз фæуыдзæн ирондзинад хуыздæр бамбарынæн. Хаст æм æрцыдысты, нæ царды цыдæриддæр фæзилæнтæ ис, уыдон. Зæгъæм, куысты, ахуыры, хиахуырдзинады, бинонты царды, ахастдзинæдтæ хистæр-кæстæр, нæлгоймаг-сылгоймаг, мой æмæ къай. Хъыгагæн, нæ фыдæлтæм худинаг æмæ æгадыл нымад миниу-джытæй бирæ цыдæртæ абон систы лæджы кады бæрæггæнæнтæ. Уæздандзинад сси фидиссаг, хиуылхæцын — тæппуддзинадыл нымад. Чидæртæ хи равдисыны охыл сæ мыггæгты бонзонгæ бинонтыл былысчъилтæ кæнынц, сæ фарн мулкæй ивынц.— Махмæ уавæр бынтон æвзæр нæу, — загъта æмбырды Хъахъхъæдуры хъæуы Ныхасы сæрдар Белеккаты Эльбрус. — Рæстæгæй-рæстæгмæ хистæртæ æмæ сæ раивынмæ цæттæ чи у, уыдон иумæ сæмбæлынц, фæныхас кæнынц нæ æгъдæуттæ цыбыр бæрæгуаты амынддзинæдтæм гæсгæ аразыныл, кæстæрты хъомыладыл. Уавæр, мæнмæ гæсгæ, хуыздæр гæнгæ цæуы. Дарддæр дæр ууыл кусдзыстæм. Гæгкуыты Алик æрæгæй ардæм кусы Ставд-Дурты хъæуы Ныхасы сæрдарæй. Фæлæ йын ныридæгæн цыдæртæ бантыст. Зæгъæм, бынæттон администраци, культурæйы Хæдзар æмæ скъолайы разамындимæ иумæ сарæзтой бæрæгбон ахуырдзаутæн Уастырджимæ кувæн къуыри. Гæгкуыйы-фырт куыд загъта, афтæмæй ма сæм ис хорз фæндтæ, фыццаджыдæр, кæстæрты ирон æгъдауыл аразын, нæ бæстæйыл иузæрдион уæвыныл сæ ахуыр кæнын.Æмбырды ма сæ хъуыдытæ загътой районы Ныхасы президиумы уæнгтæ Бычерахты Мир æмæ Хабæты Батмырзæ, Кæрдзыны æмæ Змейкæйы хъæуты Ныхасты сæрдартæ Моргуаты Анатоли æмæ Бедойты Феликс.Рахаст уынаффæйы амынд сты хъомыладон куыст дарддæр фæ-хуыздæр кæныны мадзæлттæ.
Æгъуызаты А.